Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Мӕнӕ уӕ Ӕз ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ ӕрвитӕгау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлӕттау ӕнӕхин. Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, асайой ӕвзӕрстыты. Сар уӕ сӕр, ӕппӕт адӕм дӕр уӕ хорзы кой куы кӕной, уӕд. Ацы адӕмы фыдӕлтӕ мӕнгпехуымпартӕй дӕр афтӕ ӕппӕлыдысты. Ӕххуырст та ахӕм нӕу, уымӕн фыстӕ йӕхи не сты; бирӕгъы ӕрцӕугӕ куы фены, уӕд ныууадзы фысты, лидзынмӕ фӕвӕййы, бирӕгъ аскъӕфы фыстӕй ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кӕны. Ӕз зонын, мӕ ацыды фӕстӕ уӕм кӕй бацӕудзысты, дзугыл чи нӕ ауӕрддзӕн, ахӕм тугдзых бирӕгътӕ. Израилаг адӕмы ӕхсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон ӕрхӕсдзысты семӕ мӕлӕтмӕ тӕрӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты сӕрибар сын ӕрхӕссӕг Хицауыл, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи ӕвиппайды бакӕндзысты мӕлӕты амӕддаг. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы удӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы. Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы –
Выбор основного перевода