Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн уыдӕттӕ куы бафӕдзӕхста, уӕд уырдыгӕй ацыди бӕстӕйы сахартӕм амонынмӕ ӕмӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ. Йесо уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ дзырд куы фӕци, уӕд ацыди уырдыгӕй. Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд араст Галилейӕ, ӕмӕ ӕрцыд Иудейӕйы зӕхмӕ, Иорданы иннӕ фарсмӕ. Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: Ӕмӕ сӕ дисы ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ сын амыдта динамонджытау нӕ, фӕлӕ барджынӕй. Сабат куы ралӕууыд, уӕд райдыдта амонын синагогӕйы, ӕмӕ Йӕм цы бирӕ адӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ӕппӕт адӕттӕ Йын кӕцӕй сты? Уагӕр Ын цавӕр зонд рардӕуыд, ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ аразын Йӕ бон куыд у? Чи Йӕм хъуыста, уыцы адӕмимӕ Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд бацыди Капернауммӕ. Дисы сӕ ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ барджынӕй дзырдта. Хъахъхъӕнджытӕ дзуапп радтой: «Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма ничи дзырдта».
Выбор основного перевода