Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕдӕ чидӕриддӕр ма у, иннӕмӕн тӕрхон куы кӕнай, уӕд дӕхи дӕр ницӕмӕй сраст кӕндзынӕ. Иннӕмӕн тӕрхон кӕнгӕйӕ, тӕрхон кӕныс дӕхицӕн дӕр. Уымӕн ӕмӕ иннӕмӕн цӕй тыххӕй тӕрхон кӕныс, дӕхӕдӕг дӕр уый гӕнӕг дӕ. Ды чи дӕ, ӕмӕ кӕйдӕр цагъарӕн тӕрхон кӕнай? Йӕ къӕхтыл лӕууы ӕви ахауд – уый йын йӕ Хицау равзардзӕн. Уӕддӕр слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Хицауӕн Йӕ бон у уый йӕ къӕхтыл сӕвӕрын. Ды та цӕмӕн тӕрхон кӕныс де 'фсымӕрӕн? Ӕмӕ ды дӕр цӕмӕн дӕлдӕр кӕныс де 'фсымӕры? Неппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕудзыстӕм. Сымах кӕнӕ иннӕ адӕм мӕнӕн цы аргъ кӕнынц, уый мӕ не 'ндавы. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр мӕхицӕн аргъгӕнӕг нӕ дӕн. Кӕд мӕ зӕрдӕ мӕхимӕ ницӕмӕй ӕхсайы, уӕддӕр уымӕй мӕхи нӕ раст кӕнын; тӕрхонгӕнӕг мын Хицау у. Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Хицау ӕрцӕуа, уӕдмӕ – Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг. Кӕрӕдзийыл цъыф ма калут, ӕфсымӕртӕ. Йе 'фсымӕрыл цъыф чи калы кӕнӕ йе 'фсымӕрӕн чи тӕрхон кӕны, уый цъыф калы ӕгъдауыл ӕмӕ йын тӕрхон хӕссы. Кӕд ӕгъдауӕн тӕрхон хӕссыс, уӕд ӕгъдау ӕххӕстгӕнӕг нӕ дӕ, фӕлӕ тӕрхонгӕнӕг.
Выбор основного перевода