Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕларвы – уым сӕ нӕдӕр рӕмпӕг хӕры, нӕдӕр згӕ, хуыснӕджытӕ дӕр сӕм нӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ нӕ давынц. Уыди йын ӕртӕсӕдӕ динарӕй фылдӕрыл ауӕйгӕнӕн ӕмӕ ӕхца мӕгуыртӕн раттӕн». Ӕмӕ бустӕ кодтой сылгоймагыл. Ауӕй кӕнут уӕ мулк ӕмӕ йӕ мӕгуыртӕн раттут. Уӕхицӕн саразут, хӕррӕгъ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕвӕрӕндӕттӕ; ӕрӕмбырд кӕнут ӕнӕихсигӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты – уым сӕм хуыснӕг нӕ баирвӕзы ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ хӕры. Ӕз дӕр уын зӕгъын: скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ ӕнӕраст мулчы фӕрцы, цӕмӕй уӕм мулк куы нал уа, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной мыггагмӕйы хӕдзӕртты. «Цӕуылнӕ уыд ацы хӕрздӕфгӕнӕнӕн ӕртӕсӕдӕ динарыл ауӕйгӕнӕн ӕмӕ ӕхцайӕн мӕгуыртыл байуарӕн?» Уӕй кодтой сӕ мулк ӕмӕ ӕхца уӕрстой ӕппӕтыл дӕр, чи цас хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ.
Выбор основного перевода