Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау – рарвыста Йӕ Фырты. Фырт райста адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн ӕрдзыхъӕд; ӕмӕ Йӕ ӕрхастӕуыд нывондӕн тӕригъӕды тыххӕй. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн, Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ Йӕ ныхмӕ куы сыстадысты, уӕдау». Раздӕры фӕдзӕхст та аивдӕуы, ӕдых ӕмӕ ӕнӕпайда кӕй свӕййы, уымӕ гӕсгӕ. Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕнаипп ницы скодта. Ныр та лӕвӕрд ӕрцыди, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы хӕстӕгдӕр кӕнӕм, ахӕм хуыздӕр зӕрдӕдарӕн.
Выбор основного перевода