Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сымах мӕм цӕй тыххӕй фыстат, ныр та уый фӕдыл: хорз у, нӕлгоймаг сылгоймаджы ӕмгӕрон куы не 'рцӕуа, уӕд. Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой. Мӕн та фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр уой мӕ хуызӕн, фӕлӕ алкӕмӕ дӕр йӕхи сӕрмагонд курдиат ис Хуыцауӕй: иумӕ – ахӕм, иннӕмӕ – ӕндӕр. Къай кӕмӕн нӕй, уыдонӕн ӕмӕ идӕдз устытӕн та зӕгъын: мӕнау иунӕгӕй куы баззайой, уӕд сын хуыздӕр у. Фӕлӕ кӕд сӕхиуыл хӕцын нӕ фӕразынц, уӕд курӕнт устытӕ ӕмӕ цӕуӕнт моймӕ. Уымӕн ӕмӕ монцы арты судзынӕй лӕг ӕмӕ усӕй цӕрын хуыздӕр у.
Выбор основного перевода