Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Уый Йын дзуапп радта: «Бар ратт, цӕмӕй Дӕ Паддзахады мӕ ацы дыууӕ лӕппуйӕ иу сбада Дӕ рахиз фарс, иннӕ та – Дӕ галиу фарс». Йесо Йӕ фӕндагыл куы араст, уӕд ӕрбазгъордта иучидӕр, Йӕ разы ӕрхауд йӕ зонгуытыл ӕмӕ Йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн цы саразон?» Сымах Мӕ фӕлварӕнты Мемӕ уыдыстут. Мӕ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтӕ уын ӕй Ӕз дӕр дӕттын, Цӕмӕй Мӕ Паддзахады хӕрат ӕмӕ нуазат Мӕ фынгыл. Ӕмӕ сбаддзыстут уӕле Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ. Уӕлахиздзауы Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.
Выбор основного перевода