Йесо ма адӕмӕн дӕр загъта: «Ныгуылӕнӕй мигъ ссӕугӕ куы фенут, уӕд уайтӕккӕ фӕзӕгъут: „Къӕвда уыдзӕн", ӕмӕ вӕййы афтӕ.
Хуссарӕй дымгӕ куы фӕдымы, уӕд фӕзӕгъут: „Ӕнтӕф уыдзӕн", ӕмӕ вӕййы афтӕ.
Цӕстмӕхъустӕ! Зӕххыл ӕмӕ арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд ныры рӕстӕг раиртасын уӕ бон цӕуылнӕ у?