Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дисы мӕ ӕфтауы, Чырыстийы хорзӕхы фӕрцы уӕ Йӕхимӕ Ӕрхонӕгӕй ӕндӕр фарны уацмӕ уе 'ргом куыд тагъд здахын райдыдтат, уый. Уый ӕндӕр фарны уац нӕу, ӕрмӕст ис, уӕ зонд уын чи змӕнты ӕмӕ Чырыстийы фарны уац сзыгъуыммӕ кӕнын кӕй фӕнды, ахӕмтӕ. Фӕлӕ уын суанг мах, кӕнӕ зӕд уӕларвӕй куы хъусын кӕна, мах уын кӕй нӕ хъусын кодтам, ахӕм фарны уац, уӕд ӕлгъыст фӕуӕд йӕ хъусынгӕнӕг. Раздӕр цы дзырдтам, уый зӕгъын ныр дӕр: махӕй цы фарны уац фехъуыстат, уымӕй фӕстӕмӕ уын ӕндӕр фарны уац чи хъусын кӕны, уый ӕлгъыст фӕуӕд. Ӕз уын уыдӕтты тыххӕй уымӕн зӕгъын, цӕмӕй уӕ мачи асайа къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй. Се 'нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ исчи уӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕд. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй.
Выбор основного перевода