Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Фыст у: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ, ӕмӕ кус ӕрмӕстдӕр Уымӕн"». Симон Петрмӕ уыди кард, фелвӕста йӕ, ныццавта дзы алчеры цагъары ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта. Уыцы цагъарӕн йӕ ном уыди Малх. Фӕлӕ Йесо загъта Петрӕн: «Нывӕр кард кӕрддзӕмы. Ау, Мӕ Фыд Мын цы хъизӕмӕртты кӕхц ӕрцӕттӕ кодта, уый хъуамӕ ма баназон?» Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу. Фӕлӕ уын суанг мах, кӕнӕ зӕд уӕларвӕй куы хъусын кӕна, мах уын кӕй нӕ хъусын кодтам, ахӕм фарны уац, уӕд ӕлгъыст фӕуӕд йӕ хъусынгӕнӕг.
Выбор основного перевода