Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Йесо загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй. Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, ӕмӕ Фыды дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон. Уӕд Петр загъта Йесойӕн: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Кӕд Дӕ фӕнды, уӕд ам саразон ӕртӕ халагъуды: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу Илиайӕн». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта рухскалгӕ ӕврагъ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм». Зӕгъын уын, ӕфсымӕртӕ: фыд ӕмӕ тугӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуын сӕ бон нӕу, ӕмӕ мӕлӕт тых цӕуыл у, уый ӕнӕмӕлгӕ нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ ма мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд мӕ Чи сӕвзӕрста, стӕй мӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд Мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ фарны уац муртаттӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон. Уымӕн ӕмӕ нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар ӕлдӕртты ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдӕххӕссӕг удты ныхмӕ.
Выбор основного перевода