Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо уый куы фехъуыста, уӕд уырдыгӕй бӕлӕгъы иунӕгӕй ацыд хибар ранмӕ. Адӕм уый куы базыдтой, уӕд сахартӕй фистӕгӕй ацыдысты Йӕ фӕдыл. Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд федта бирӕ адӕм ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты. Куы баизӕр, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, ноджы банафон. Ауадз адӕмы, ацӕуой хъӕутӕм ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной». Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Цӕуын сӕ нӕ хъӕуы. Сымах сын раттут хӕринаг». Дзуапп Ын радтой: «Ам махмӕ ис ӕрмӕстдӕр фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы». Уый сын загъта: «Ардӕм Мӕм сӕ рахӕссут». Йесо адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, стӕй райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста дзултӕ ӕмӕ сӕ радта ахуыргӕнинӕгтӕм, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмӕн. Сеппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды. Хӕргӕ чи кодта, уыдон та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты фондз мин лӕджы бӕрц. Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд федта бирӕ адӕм ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Ӕмӕ сын бирӕ фӕцамыдта. Бонӕй бирӕ куы нал баззади, уӕд Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, бон та фӕивгъуыйы. Ауадз адӕмы, ацӕуой хӕстӕг хъӕутӕм ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной». Йесо сын дзуапп радта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Загътой Йын: «Уӕд та фӕцӕуӕм ӕмӕ дзул дыууӕсӕдӕ динары аргъ балхӕнӕм, утӕппӕт адӕмы бафсадынӕн?» Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис? Ацӕут ӕмӕ фенут». Уыдон федтой ӕмӕ загътой: «Фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы». Уӕд сын бафӕдзӕхста ӕппӕт адӕмы дӕр цъӕх кӕрдӕгыл къордгай ӕрбадын кӕнын. Адӕм ӕрбадтысты къордгай – фондзыссӕдзгӕйттӕй ӕмӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй. Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста дзултӕ ӕмӕ сӕ радта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм адӕмӕн байуарынмӕ. Дыууӕ кӕсаджы дӕр байуӕрста сеппӕтыл дӕр. Сеппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма дзул ӕмӕ кӕсагӕй цы баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды. Хӕргӕ чи кодта, уыдоны ӕхсӕн айдагъ лӕгтӕ уыди фондз мины. Фӕлӕ адӕм уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты Йӕ фӕдыл. Йесо фембӕлд семӕ, дзырдта сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ дзӕбӕх кодта, дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыд, уыдон. Бон изӕрырдӕм фӕкъул. Ӕрбацыдысты Йӕм дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕмӕ Йын загътой: «Ауадз адӕмы ацӕуын хӕстӕг хъӕутӕм бахсӕвиуат кӕнынмӕ ӕмӕ сӕхицӕн хойраг самал кӕнынмӕ. Уымӕн ӕмӕ ам фӕсвӕд ран стӕм». Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон дзуапп радтой: «Махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис. Ӕмӕ ныр утӕппӕт адӕмы фаг хойраг балхӕнынмӕ хъуамӕ ацӕуӕм?» (Уым уыди фондз мин лӕджы бӕрц.) Фӕлӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут къордгай – алы къорды дӕр дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕрц куыд уа». Сеппӕты дӕр ӕрбадын кодтой, куыд загъд сын уыд, афтӕ. Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста сӕ, ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм радта адӕмӕн байуарынмӕ. Бахордтой сеппӕт дӕр ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды. Уый фӕстӕ Йесо ацыд Галилейы, ома, Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ. Йӕ фӕдыл ацыд бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ федтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ кӕй равдыста, уыцы диссӕгтӕ. Йесо схызт хохмӕ ӕмӕ уым бадт Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ. Ӕрхӕстӕг Куадзӕн, иудейаг бӕрӕгбон. Йесо ракаст, ӕмӕ йӕм бирӕ адӕм кӕй цыди, уый куы федта, уӕд Филиппӕн загъта: «Сӕ бафсадынӕн кӕрдзын кӕм балхӕнӕм?» Афтӕ дзырдта Филиппы бафӕлварыны тыххӕй. Йӕхӕдӕг та ныридӕгӕн зыдта, цы бакӕндзӕн, уый. Филипп Ын дзуапп радта: «Цӕмӕй сӕ фӕйнӕ къӕбӕры фӕуа, уый тыххӕй дыууӕсӕдӕ динары аргъ кӕрдзын дӕр не сфаг уыдзӕн». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын иу, Симон Петры ӕфсымӕр Андрей, загъта: «Ам иу лӕппумӕ ис хъӕбӕрхоры фондз кӕрдзыны ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уый цы фаг у утӕппӕт адӕмӕн?» Йесо загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут». Уыцы ран уыди бирӕ кӕрдӕг. Ӕмӕ адӕм ӕрбадтысты; нӕлгоймӕгтӕ уыдысты фондз мины бӕрц. Йесо райста кӕрдзынтӕ, арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ байуӕрста, бадгӕ чи кодта, уыдоныл. Кӕсаг дӕр сын радта, кӕй цас хъуыди, уыйбӕрц. Адӕм куы бафсӕстысты, уӕд Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, куыд ницы дзы фесӕфа, афтӕ». Ӕрӕмбырд сӕ кодтой, ӕмӕ хъӕбӕрхоры фондз кӕрдзынӕй цы баззад, уыдонӕй байдзаг кодтой дыууадӕс чыргъӕды – чи хордта, уыдоны уӕлдӕйттӕ.
Выбор основного перевода