Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Амард мӕгуыр лӕг, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ ахастой Авраамы хъӕбысмӕ. Амард хъӕздыг дӕр ӕмӕ йӕ баныгӕдтой. Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый акаст ӕмӕ дардмӕ ауыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та – Лазыры. Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Мӕ фыдӕл Авраам! Фӕтӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мӕм Лазыры рарвит, йе 'нгуылдз стула доны ӕмӕ мын ме 'взаг асатӕг кӕна, уымӕн ӕмӕ ӕз хъизӕмар кӕнын ацы арты". Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та дзы хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый ӕрымыс. Ныр Лазыр ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс. Стӕй ма не 'хсӕн ис стыр сӕрсӕфӕн, цӕмӕй, ардыгӕй сымахмӕ ацӕуын кӕй бафӕнда, уыдонӕн ма бантыса, ӕмӕ сымахӕй дӕр махмӕ ма цӕуой". Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ. Сӕ асайӕг хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ. Мӕлӕт ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цадмӕ. Уый у дыккаг мӕлӕт – судзгӕ цад. Ӕмӕ царды чиныджы фыст кӕй ном нӕ уыди, уый ныппӕрстӕуыд судзгӕ цадмӕ.
Выбор основного перевода