Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнцой агурӕг фӕзилы ӕнӕдон рӕтты, фӕлӕ йӕ не ссары. Уӕд фӕзӕгъы: „Раздӕхон, цы хӕдзарӕй рацыдтӕн, уырдӕм". Ӕмӕ куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ӕрӕййафы афтидӕй, марзт ӕмӕ ӕфснайдӕй. Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц; ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы ӕвзӕрдӕр уавӕры. Афтӕ уыдзӕн ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕры хабар дӕр». Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн бардзырд радта: «Банцай ӕмӕ дзы рацу». Ӕнӕзӕгъинаг ныууыгъта уыцы адӕймаджы, ныхъхъӕр кодта ӕмӕ дзы рацыд. Ӕппӕт адӕм дӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры. Ӕнӕзӕгъинӕгтӕн дӕр дӕтты бардзырд, ӕмӕ кӕсынц Йӕ коммӕ». Адӕм Йесойы куыддӕр федтой, афтӕ сеппӕт дӕр скатай сты, згъордтой Йӕм ӕмӕ Йын салам лӕвӕрдтой.
Выбор основного перевода