Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесомӕ хуыдтой сывӕллӕтты, цӕмӕй сыл бандзӕва, фӕлӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ уагътой. Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сывӕллӕтты, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уыдоны хуызӕтты у. Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн». Ӕмӕ сывӕллӕтты Йӕ хъӕбысы ӕрбатыхта, ӕрӕвӕрдта сыл Йӕ къухтӕ ӕмӕ сыл Йӕ арфӕ бафтыдта. Йӕхи уӕ мачи сайӕд. Кӕд сымахӕй искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы дунейы зондджын у, уӕд суӕд «ӕнӕзонд», ӕмӕ уыдзӕни зондджын. Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты ӕнӕзонддзинад у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау зондджынты ацахсы сӕхи хинӕй».
Выбор основного перевода