Йӕ хуыз уыдис арвӕрттывдау, йӕ дарӕс – митау урс-урсид.
Ӕмӕ цырагъдарӕнты ӕхсӕн – адӕймаджы фырты Халдихы, Йӕ уӕлӕ даргъ дарӕс, Йӕ риуыл баст уыди сызгъӕрин рон.
Йӕ сӕрыхъуынтӕ уыдысты миты хуызӕн урс-урсид къуымбилау, Йӕ цӕстытӕ – пиллон артау.
Йӕ къӕхтӕ ӕрттывтой, пецы чи сзынг, ахӕм ӕрхуыйау, Йӕ хъӕлӕс та нӕрыд стыр ӕхсӕрдзӕнау.
Йӕ рахиз къухы – авд стъалыйы, Йӕ дзыхӕй ӕддӕмӕ зынди цыргъ дыком цирхъ, Йӕ цӕсгом уыди ӕмбисбоны тӕмӕнкалгӕ хуры хуызӕн.