Рауад сӕм быцӕу дӕр, уӕлдӕрыл нымад сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл.
Йесо сын загъта: «Паддзӕхтӕ хицауиуӕг кӕнынц адӕмтӕн, ӕмӕ адӕмтыл барджын чи у, уыдоны хӕрзгӕнджытӕ хуындӕуы.
Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд, фӕлӕ уе 'хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд кӕстӕрау, хистӕр та – лӕггадгӕнӕгау.
Чи у уӕлдӕр – фынгыл бадӕг ӕви кӕстӕриуӕггӕнӕг? Фынгыл бадӕг уӕлдӕр нӕу, ӕви? Ӕз та уын кӕстӕриуӕггӕнӕгау дӕн.
Иннӕтӕй хи уӕлдӕр ӕвӕрыны кӕнӕ кадмӕ бӕллыны сӕраппонд мацы аразут, фӕлӕ ут сӕрныллӕг – иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл.