Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕдӕ ма тӕрсут уе 'фхӕрджытӕй. Уымӕн ӕмӕ цы нӕ раргом уа, ахӕм сусӕггаг нӕй, ӕмӕ цы нӕ рахъӕр уа, ахӕм сусӕгдзинад нӕ вӕййы. Талынджы уын цы дзурын, уый зӕгъут боны рухсмӕ; ӕмӕ уын уӕ хъусы цы бацагъдӕуа, уый дзурут уӕлхӕдзӕрттӕй. Уымӕн ӕмӕ цы нӕ раргом уа, ахӕм сусӕггаг нӕй, ӕмӕ цы нӕ рахъӕр уа ӕмӕ кӕй нӕ базындӕуа, ахӕм сусӕгдзинад нӕ вӕййы. Цы нӕ раргом уа, ахӕм сусӕггаг нӕй, ӕмӕ цы нӕ рахъӕр уа, ахӕм сусӕгдзинад нӕ вӕййы. Чи амард, уыдоны – хуымӕтӕгты ӕмӕ номдзыдты – федтон паддзахы бадӕны раз лӕугӕ. Чингуытӕ уыдысты гом, гом уыд ӕндӕр чиныг дӕр – царды чиныг. Мӕрдтӕн тӕрхонгонд ӕрцыд, чингуыты кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ фыст уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Выбор основного перевода