Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
«Хуыцау сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон, зӕгъы Хуыцау». „Ацу ацы адӕммӕ ӕмӕ зӕгъ: фехъусдзыстут, ӕмӕ нӕ бамбардзыстут, кӕсдзыстут, ӕмӕ нӕ фендзыстут. Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕ ныддур, хъусӕй зынтӕй хъусынц, сӕхгӕдтой сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, хъусӕй ма фехъусой, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон". Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕ тырнынц, сӕ ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ; Удӕн коммӕгӕстӕ та тырнынц, Уды цы фӕнды, уымӕ. Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнын мӕлӕт у; Уды цы фӕнды, уымӕ тырнын та – цард ӕмӕ фарн. Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу. Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау сӕ бафтыдта фынӕйыл, радта сын, абон дӕр ма кӕмӕй нӕ уынынц, ахӕм цӕстытӕ, ӕмӕ кӕмӕй нӕ хъусынц, ахӕм хъустӕ». Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы у, уый нӕ хъары – ӕнӕзондыл ӕй нымайы, ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.
Выбор основного перевода