Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у, ӕви Ӕз Мӕхи номӕй дзурын. Фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм Хуыцау кӕй нӕ хъусы, уый нын зындгонд у. Чи Йӕ нымайы ӕмӕ Йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, Хуыцау уымӕ хъусы. Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ цу Ме 'фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ"». Ӕмӕ кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд иугӕр Йемӕ тухӕн ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ намысӕй. Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕг дӕр, стӕй чи ссыгъдӕг, уыдон иууылдӕр иунӕг Хуыцауӕй сты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йе 'фсымӕртӕ хонын Чырысти ӕфсӕрмыйагыл нӕ нымайы ӕмӕ зӕгъы: «Дӕ ном фехъусын кӕндзынӕн Ме 'фсымӕртӕн, се 'мбырды ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй».
Выбор основного перевода