Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Иерусалимӕй ӕрцӕуӕг динамонджытӕ дзырдтой, веелзевулы дӕлбар у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ. Адӕм Ын уый фӕдыл загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?» Иудейтӕ Йын загътой: «Ды самариаг ӕмӕ хӕйрӕджджын кӕй дӕ, уымӕй раст нӕ зӕгъӕм, ӕви?» Иудейтӕ Йын загътой: «Ныр мах зонӕм, Ды хӕйрӕджджын кӕй дӕ, уый. Авраам дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр амардысты, Ды та зӕгъыс: „Мӕ ныхас чи сӕххӕст кӕна, уый мыггагмӕ дӕр мӕлӕт нӕ фендзӕн". Уыдонӕй бирӕтӕ дзырдтой: «Уый хӕйрӕджджын ӕмӕ сӕрхъӕн у. Цы йӕм хъусут?» Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Хуыцауы Уд кӕмӕ ис, уый Йесойы нӕ ралгъитдзӕн, ӕмӕ Йесойы Хицау ничи схондзӕн, Сыгъдӕг Уд ӕм куы нӕ уа, уӕд.
Выбор основного перевода