Суанг Ыл Йе 'фсымӕртӕ дӕр не 'ууӕндыдысты.
Адӕм Ын уый фӕдыл загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?»
Иудейтӕ Йын загътой: «Ды самариаг ӕмӕ хӕйрӕджджын кӕй дӕ, уымӕй раст нӕ зӕгъӕм, ӕви?»
Иудейтӕ Йын загътой: «Ныр мах зонӕм, Ды хӕйрӕджджын кӕй дӕ, уый. Авраам дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр амардысты, Ды та зӕгъыс: „Мӕ ныхас чи сӕххӕст кӕна, уый мыггагмӕ дӕр мӕлӕт нӕ фендзӕн".
Уыдонӕй бирӕтӕ дзырдтой: «Уый хӕйрӕджджын ӕмӕ сӕрхъӕн у. Цы йӕм хъусут?»
Павел йӕхи афтӕ куы раст кодта, уӕд Фест хъӕрӕй загъта: «Ды сӕрхъӕн дӕ, Павел! Фырахуырӕй дӕ зонд фӕцыд».