Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дардта ком, ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг. Уӕд Ӕм ӕрбацыди хӕйрӕг ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ». Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй"». Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта сыгъдӕг сахармӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл, Ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар. Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу тыххӕй, хӕсдзысты Дӕ сӕ къухтыл, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр нӕ ныццӕвдзынӕ"». Йесо йын загъта: «Фыст у афтӕ дӕр: „Ма къах дӕ Хицау Хуыцауы"». Уый фӕстӕ Йӕ хӕйрӕг акодта тынг бӕрзонд хохмӕ, равдыста Йӕм дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ сӕ намысимӕ, Ӕмӕ Йын загъта: «Дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд сӕ иууылдӕр ратдзынӕн дӕуӕн». Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Фыст у: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ, ӕмӕ кус ӕрмӕстдӕр Уымӕн"». Уӕд Ӕй хӕйрӕг ныууагъта. Уайтӕккӕ Йӕм ӕрцыдысты зӕдтӕ ӕмӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой.
Выбор основного перевода