Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыд, уӕд федта иннӕ дыууӕ ӕфсымӕры – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уыдон сӕ фыд Зеведеимӕ уыдысты бӕлӕгъы ӕмӕ ӕмпъызтой сӕ хызтӕ. Йесо сӕм басидт.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иаков ӕмӕ Иоанн уый куы федтой, уӕд загътой: «Хицау, фӕнды Дӕ, уӕд зӕгъӕм, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрцӕуа арт ӕмӕ сӕ фесафа [Илиа куыд бакодта, афтӕ]?»