Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уым уыдысты ӕмӕ дӕрддзӕфӕй кастысты сылгоймӕгтӕ дӕр; уыдонимӕ – магдалӕйаг Мариа, кӕстӕр Иаковы ӕмӕ Иосийы мад Мариа, стӕй Саломи. Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ Иосийы мад Мариа уыдтой, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уый. Стӕй ӕнӕзӕгъинӕгты кӕмӕй расырдта ӕмӕ низтӕй кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы сылгоймӕгтӕ: авд дӕлимоны кӕмӕй рацыд, магдалӕйаг кӕй хуыдтой, уыцы Мариа, Ӕмӕ адӕмӕн дзурын райдыдта ахӕм фӕсномыг ныхас: «Иу адӕймаг ныссагъта сӕнӕфсирдон, радта йӕ ӕххуырст кусджытӕм ӕмӕ ацыди дӕргъвӕтин ӕмгъуыдмӕ. Къуырийы фыццаг бон куы ӕрӕмбырд стӕм дзулсастмӕ, уӕд Павел ныхас кодта ахуыргӕнинӕгтимӕ. Дыккаг бон ӕм ацӕуыны фӕнд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхас ӕмбисӕхсӕвмӕ дӕр нӕма фӕци. Къуырийы фыццаг бон сымахӕй алчидӕр рахицӕн кӕнӕд, йӕ мулк куыд амоны, уыйбӕрц ӕмӕ йын уӕд цӕттӕ, ӕз уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ уыцы ӕххуыс ӕмбырдгӕнинаг куыд нал уа, афтӕ. Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ мӕ чъылдыммӕ фехъуыстон сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн домбай хъӕлӕс: «[Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода