Адӕм Йесойы куыддӕр федтой, афтӕ сеппӕт дӕр скатай сты, згъордтой Йӕм ӕмӕ Йын салам лӕвӕрдтой.
Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уыйбӕрц дзыллӕ алы адӕмыхӕттытӕй, алы мыггагӕй, алы адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй – сӕ къухы палмӕйы къалиутимӕ урс-урсид дарӕсы лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз.
Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй мӕ иу бафарста: «Уӕртӕ урс-урсид дарӕс кӕуыл ис, уыдон чи сты ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдысты?»