Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Стӕй загъта Фомайӕн: «Ӕри-ма де 'нгуылдз ардӕм ӕмӕ фен Мӕ къухтӕ. Ӕри дӕ къух ӕмӕ йӕ бавӕр Мӕ фарсы хъӕдгомы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ма у, фӕлӕ уырнӕг». Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕз ӕрхастон, мӕхӕдӕг цы райстон, уыцы тӕккӕ сӕйрагдӕр: Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ Чырысти амарди нӕ тӕригъӕдты тыххӕй; Сыгъдӕг Уд афтӕ зӕгъы: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, Уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы Йӕ ныхмӕ куы сыстадысты ӕмӕ Йӕ куы фӕлвӕрдтой, уӕдау. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ Йӕ ныхмӕ куы сыстадысты, уӕдау». Уымӕн ӕмӕ Моисей Мысырӕй кӕй ракодта, уыдон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъуыстой, уӕд Йӕ ныхмӕ сыстадысты, ӕрмӕст сеппӕт нӕ. Дыууиссӕдз азы дӕргъы Хуыцауы маст кӕмӕ фыхти? Тӕригъӕды чи бафтыд ӕмӕ се стджытӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы кӕмӕн баззадысты, уыдонмӕ Йын нӕ фыхти, ӕви? Ӕгоммӕгӕстӕй дарддӕр кӕмӕн расомы кодта Хуыцау, Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты, зӕгъгӕ? Уӕдӕ мах уынӕм: хивӕнд кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын нӕ бантыст бацӕуын.
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода