Стӕй йӕ фӕсдзӕуинтӕн – дохтыртӕн загъта, буар ӕмбийын чи нӕ уадзы, йӕ фыды йын ахӕм сӕрмагонд хостӕй байсӕрдын. Ӕмӕ дохтыртӕ Израилы байсӕрстой ахӕм сӕрмагонд хостӕй.
Сылгоймагӕн йӕ бон цы уыди, уый бакодта: Мӕ баныгӕныны размӕ Мын хӕрздӕфгӕнӕнӕй байсӕрста Мӕ буар.
Уым уыдысты ӕмӕ дӕрддзӕфӕй кастысты сылгоймӕгтӕ дӕр; уыдонимӕ – магдалӕйаг Мариа, кӕстӕр Иаковы ӕмӕ Иосийы мад Мариа, стӕй Саломи.
Куы раздӕхтысты, уӕд ӕрцӕттӕ кодтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Сабат сын, иудейаг Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уыди ӕнцойбон.
Ӕрцыд Никодим дӕр – кӕддӕр ӕхсӕвы Йесомӕ чи ӕрцыд, уый, – ӕмӕ ӕрхаста фондзыссӕдз джиранкайы бӕрц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ – смирнӕ ӕмӕ алой хӕццӕйӕ.