Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты асайдзысты. Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты скӕнут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номыл; Фӕлӕ уал уыдӕтты размӕ ӕппӕт адӕмтӕм хъуамӕ фӕхӕццӕ уа фарны уац. Фӕлӕ сын зӕд загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрхастон, ӕппӕт адӕм кӕмӕй схайджын уыдзысты, ахӕм стыр цин: Абон уын Давиды сахары райгуырд Ирвӕзынгӕнӕг – Хицау Чырысти. Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы намысимӕ Йӕ хъӕбулты Хуыцау кӕд равдисдзӕн, уымӕ. Ныр уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ уа фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, сымах цы фарны уац фехъуыстат, уый уын цы зӕрдӕдарӕн дӕтты, ууыл ма фӕгуырысхо уат. Уыцы фарны уац хъуыстгонд ӕрцыди дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг. Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды уӕлиӕутты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы фарны уац зӕххон цӕрджытӕн – алы адӕмыхатт ӕмӕ мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмӕн ӕй хъусын кӕныны тыххӕй.
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода