Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо сын загъта: «Чындзхӕсджытимӕ сиахсаг цалынмӕ вӕййы, уӕдмӕ ӕнкъард фӕкӕнынц, мыййаг? Фӕлӕ ралӕудзӕни, сиахсаджы сын куы байсой, уыцы афон, ӕмӕ уӕд дардзысты ком. Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Петр рацыд ӕддӕмӕ ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта. Ӕмӕ уыйадыл уасӕг ныууасыди дыккаг хатт. Ӕмӕ Петр ӕрымысыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Ӕмӕ райдыдта кӕуын. Уый уын кӕй загътон, уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдӕ суынгӕг. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах хъыг кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ хъыг раивдзӕн цинӕй. Арӕг сылгоймаг хъыг фӕкӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ удхары афон ралӕууыд. Фӕлӕ йын сывӕллон куы райгуыры, уӕд дзы фырцинӕй йӕ удхар ферох вӕййы, уымӕн ӕмӕ дунемӕ адӕймаг фӕзынд. Афтӕ ныр сымах дӕр хъыг кӕнут. Фӕлӕ та уӕ Ӕз фендзынӕн, ӕмӕ уӕд уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты цинӕй, ӕмӕ уын уӕ цин байсын никӕй бон бауыдзӕн.
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода