Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъой. Фӕлӕ сын цас фылдӕр фӕдзӕхста, уыйас фылдӕр хӕлиу кодтой уыцы хабар. Бацыд ӕмӕ бавнӕлдта сынтмӕ. Сынтхӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты. Уӕд Йесо загъта: «Лӕппу, дӕуӕн зӕгъын, рабад». Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, ӕрцӕудзӕн ахӕм афон, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты. Ууыл дис ма кӕнут. Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ингӕнты чи ис, уыдон сеппӕт дӕр фехъусдзысты Йӕ хъӕлӕс, Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!» Петр сеппӕты дӕр рарвыста ӕддӕмӕ, ӕрзоныгыл ӕмӕ бакуывта. Уый фӕстӕ разылди мардмӕ ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, рабад». Тавифӕ байгом кодта йӕ цӕстытӕ, федта Петры ӕмӕ рабадт.
Выбор основного перевода