Хуыцау Йӕ зондмӕ гӕсгӕ куыд снысан кодта, афтӕ дуне йӕхи зондӕй Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы бафӕндыди дзуары тыххӕй «ӕнӕзонд» ныхасы фӕрцы уырнджыты фервӕзын кӕнын.
Сӕ асайӕг хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.