Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уым уыдысты ӕмӕ дӕрддзӕфӕй кастысты, Йесойӕн лӕггад кӕнынмӕ Галилейӕ Йӕ фӕдыл чи рацыд, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр; Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый Йын загъта: «Мӕ ном – легион, уымӕн ӕмӕ мах бирӕ стӕм». Уым уыдысты ӕмӕ дӕрддзӕфӕй кастысты сылгоймӕгтӕ дӕр; уыдонимӕ – магдалӕйаг Мариа, кӕстӕр Иаковы ӕмӕ Иосийы мад Мариа, стӕй Саломи. [Къуырийӕн йӕ фыццаг бон, сӕумӕраджы, Йесо куы райгас, уӕд фыццаг фӕзынд, авд дӕлимоны кӕмӕй расырдта, уыцы магдалӕйаг Мариамӕ. Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц; ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы ӕвзӕрдӕр уавӕры». Йесойы зонгӕтӕ та сеппӕт дӕр, стӕй Йӕ фӕдыл Галилейӕ чи рацыд, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр лӕууыдысты дӕрддзӕф ӕмӕ кастысты, цытӕ цӕуы, уымӕ.
Выбор основного перевода