Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ӕмгъуыдӕй раздӕр нӕ ардӕм хъизӕмарӕй марынмӕ ӕрцыдтӕ?»
Сӕ синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг. Уый ныхъхъӕр кодта:
Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Дунедарӕг Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатыр бакӕн, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!»
«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».
Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц.