Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Мариа та ӕппӕт уыдӕттӕ дардта Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ сыл нывӕзта Йӕ хъуыдытӕ. Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы ныхасмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон». Ахӕм бардзырд куы райста, уӕд сӕ баппӕрста ахӕстоны рӕбинаг хаймӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтыл бакодта хъадамантӕ. Ӕххӕст ӕй кӕнут ӕмӕ ма ут, ӕрмӕст ӕм байхъусынӕй дарддӕр чи ницы аразы ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи сайы, ахӕмтӕ. Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Хицауы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй. Мӕнӕ зӕхкусӕг фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ бӕркадмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон уарынтӕ ӕрцӕуой, уӕдмӕ. Иудадзыг хорз хъуыддӕгты лӕудӕй намысмӕ, кадмӕ ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уӕвынмӕ чи тырны, уыдонӕн ратдзӕн мыггагмӕйы цард. Бафӕразын уӕ хъӕуы, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кӕнат Хуыцауы фӕндон ӕмӕ райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый. Ды Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕны рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.
Выбор основного перевода