Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ай хъӕддӕсныйы фырт нӕу, мыййаг? Йӕ Мад Мариа нӕ хуыйны? Иаков, Иосиф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе 'фсымӕртӕ не сты? Ай хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт, Иаковы, Иосифы, Иудӕйы ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр? Йӕ хотӕ дӕр ам, не 'хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл не 'ууӕндыдысты. Уӕд Йесойӕн Йе 'фсымӕртӕ загътой: «Араст у ардыгӕй ӕмӕ ацу Иудейӕмӕ; уадз ӕмӕ Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр феной, Ды цы хъуыддӕгтӕ кӕныс, уый. Сеппӕт дӕр иудадзыг куывтой ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕмзӕрдӕйӕ; семӕ ма уыдысты сылгоймӕгтӕ, стӕй Йесойы Мад Мариа ӕмӕ Йе 'фсымӕртӕ. Ӕви иннӕ апостолтӕн, Хицауы ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Кифӕйӕн, устытӕ куыд ис, афтӕ мӕнӕн нӕй уырнӕг хотӕй цардӕмбал скӕныны бар, цӕмӕй кӕмдӕриддӕр мемӕ уа? Иннӕ апостолтӕй, Хицауы ӕфсымӕр Иаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.
Выбор основного перевода