Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Луки
Параллельные места
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухтӕй; амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн. Йесо сын райдыдта амонын: Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн. Рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ сӕ фӕндаг акодтой Галилейыл. Ӕрмӕст Йесойы нӕ фӕндыд, уым кӕй ис, уый исчи базона. Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Фӕлӕ уал фыццаг хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ Йыл ацы фӕлтӕр йӕхи атигъ кӕна. Ӕмбарын сын сӕ кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй уыцы бынӕтты руаджы баууӕндой, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид, ууыл. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ.
Выбор основного перевода