Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Луки
Параллельные места
Лӕмбынӕг раиртасут Сыгъдӕг Фыст, уымӕн ӕмӕ сымах ӕууӕндут йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсыныл, уый та Мӕныл дзурӕг у. Ӕцӕгады Уд куы ӕрцӕуа, уӕд уын раргом кӕндзӕн ӕппӕт ӕцӕгад. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ цы фехъуса, уый дзурдзӕн, ӕмӕ уын фехъусын кӕндзӕн, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Ӕмбарын сын сӕ кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй уыцы бынӕтты руаджы баууӕндой, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид, ууыл. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ.
Выбор основного перевода