Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Луки
Параллельные места
Ӕмӕ Ӕз ракурдзынӕн Мӕ Фыдӕй ӕмӕ уын ратдзӕн, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕн, уыцы иннӕ Рӕвдауӕджы – Сымах дӕр Мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Мемӕ стут. Иухатт сӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Иерусалимӕй макӕдӕм ацӕут, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уын Ӕз цӕй тыххӕй дзырдтон, уымӕ. Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд райсдзыстут тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Иерусалимы, ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ». Уӕдӕ нӕ сӕвзарын хъӕуы, Хицау Йесо не 'хсӕн куы царди, уӕд – Уыцы Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах неппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ. Уыди ныгӕд ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас, Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ.
Выбор основного перевода