Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Луки
Параллельные места
Уӕларвмӕ ничима ссыди уырдыгӕй ӕрцӕуӕг Адӕймаджы Фырты йеддӕмӕ. Адӕймаджы Фырт раздӕр кӕм уыд, уырдӕм Ӕй ссӕугӕ куы фенат, уӕд та? Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ цу Ме 'фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ"». Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой. Уӕлахиздзауы Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.
Выбор основного перевода