Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Луки
Параллельные места
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухтӕй; амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн. Уӕд сын загъта: «Ау, ныр дӕр ӕй нӕма ӕмбарут?» Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Фӕлӕ уыдон уыцы ныхӕстӕ не 'мбӕрстой – ӕргом сын нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой; уыцы ныхӕстӕй Йӕ бафӕрсын та нӕ уӕндыдысты. Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты тыххӕй пехуымпартӕ цыдӕриддӕр ныффыстой, уый сӕххӕст уыдзӕн: Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр.
Выбор основного перевода