Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахӕр цардӕгас Хуыцауы раз, раст нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Уӕд алчер арӕмыгъта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый! Цы хъуыды уӕм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Зылын у, хъуамӕ амӕла». Уӕд Ӕй иудейтӕ ноджы тынгдӕр агуырдтой амарынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр. Иудейтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ Ды, адӕймаг, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс ӕмӕ уымӕй Хуыцауы кӕй фауыс, уый тыххӕй». Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йын уӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг рахӕссут тӕрхон». Иудейтӕ йын дзуапп радтой: «Искӕмӕн марыны тӕрхон рахӕссыны бар нӕм нӕй».
Выбор основного перевода