Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йын уӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг рахӕссут тӕрхон». Иудейтӕ йын дзуапп радтой: «Искӕмӕн марыны тӕрхон рахӕссыны бар нӕм нӕй».
Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат.