Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ды Мын Мӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодтай, уый саразынӕй Дӕ Ӕз снамысджын кодтон зӕххыл. Чырысти та кӕрон скодта Ӕгъдауӕн, цӕмӕй алы уырнӕг дӕр Хуыцауы раз сраст уа. Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй – нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл кӕйдӕриддӕр ӕрцауыгъдӕуыд, уый ӕлгъыст у». Чырысти дунемӕ куы ӕрцыд, уӕд уый тыххӕй загъта Хуыцауӕн: «Ды нывондтӕ ӕмӕ хуынтӕ нӕ бакуымдтай, фӕлӕ Мын ӕрцӕттӕ кодтай буар. Иууылсудзинаг нывондтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондтӕ Дӕуӕн фӕндон нӕ уыдысты. Уӕд Ӕз загътон: Мӕн тыххӕй Сыгъдӕг Чиныджы фыст куыд у, афтӕ мӕнӕ ӕрцыдтӕн, Хуыцау, Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ». Кӕд уыцы нывондтӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕрхастӕуы, уӕддӕр Чырысти фыццаг загъта: «Нывондтӕ, хуынтӕ, иууылсудзинаг нывондтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондтӕ Ды нӕ бакуымдтай, фӕндон Дын нӕ уыдысты». Уый фӕстӕ ма Йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мӕнӕ ӕрцыдтӕн Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ». Уый аивта фыццаг, цӕмӕй йӕ тыхы бацӕуа дыккаг. Хуыцауы уыцы фӕндонмӕ гӕсгӕ Йесо Чырысти Йӕ буар иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ ӕрхаста нывондӕн, ӕмӕ афтӕмӕй мах ссыгъдӕг кодта ӕмӕ баистӕм Хуыцауы.
Выбор основного перевода