Авраам райста сугтӕ нывонд басудзынӕн, сӕвӕрдта сӕ йӕ фырт Исаакы ӕккой; йӕхӕдӕг та йемӕ айста зынг ӕмӕ кард, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ацыдысты.
Ӕмӕ Йӕ куы акодтой, уӕд ӕрурӕдтой, фӕссахарӕй чи ӕрбацӕйцыд, иу ахӕм кириниаг лӕг Симоны; ӕмӕ йӕ бафтыдтой дзуар Йесойы фӕдыл ӕккойӕ хӕссыныл.
Афтӕ Йесо дӕр, адӕмы Йӕ Тугӕй ссыгъдӕг кӕныны сӕраппонд, амарди фӕссахар.