Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уӕд бӕстӕйы хицауы ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой уый галуанмӕ, ӕмӕ Йыл ӕрӕмбырд кодтой ӕгас ӕфсӕддон хай. Раластой Йын Йӕ дарӕс ӕмӕ Йыл скодтой сырх пӕлӕз. Сбыдтой сындзын кадыхуд ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Йӕ разы ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ Йыл худтысты: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» Фӕтутӕ Йыл кодтой, стӕй райстой лӕдзӕг ӕмӕ Йын цавтой Йӕ сӕр. Ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой бӕстӕйы хицауы галуаны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕгас ӕфсӕддон хай. Скодтой Йыл сӕнтсырх дарӕс, сбыдтой сындзын кадыхуд ӕмӕ Йыл ӕй ӕркодтой. Ӕмӕ Йын райдыдтой арфӕ кӕнын: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» Йӕ сӕр Ын цавтой лӕдзӕгӕй, тутӕ Йыл кодтой, Йӕ разы-иу ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ Йын куывтой. Ирод Ӕй бафхӕрдта йе 'фсӕддонтимӕ, фӕхынджылӕг Дзы кодтой, зынаргъ дарӕс Ыл скодтой ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ арвыстой Пилатмӕ.
Выбор основного перевода