Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Хуыцау сыл арфӕ бафтыдта ӕмӕ сын загъта: «Цот уадзут ӕмӕ кӕнут фылдӕрӕйфылдӕр, байдзаг ут зӕххыл ӕмӕ ут йӕ хицӕуттӕ. Уӕ дӕлбар уӕнт денджызон кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххыл хилӕг ӕппӕт цӕрӕгойтӕ». Ӕмӕ семӕ сараздзынӕн ацы фидыд, сӕ тӕригъӕдтӕ сын куы скуынӕг кӕнон, уӕд». «Мӕнӕ, зӕгъы Хуыцау, уыцы бонты фӕстӕ семӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы фидыд: сӕ зӕрдӕты сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зонды ныффысдзынӕн Ме 'гъдӕуттӕ», Уӕд ма уый фӕстӕ ноджыдӕр загъта: «Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ ӕнӕуаг митӕ нал ӕрымысдзынӕн».
Выбор основного перевода