Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ӕмӕ цӕрут кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхсызгон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ. Уымӕн ӕмӕ алы алчеры дӕр адӕмӕй сӕвзӕрстӕуы, адӕмы сӕраппонд ӕй сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, тӕригъӕдты тыххӕй хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ куыд хӕсса. Уӕд цас ӕмӕ цас тыхджындӕр у, мыггагмӕйы Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй – ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кусдзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн. Алы сауджын дӕр ӕрвылбон лӕггад кӕны Хуыцауы раз ӕмӕ бирӕ хӕттыты ӕрхӕссы, тӕригъӕдтӕ кӕмӕй никуы ис фесафӕн, ахӕм уыциу нывондтӕ.
Выбор основного перевода