Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ма дӕ ферох уӕд: ӕппӕт дӕр сараз, хохыл дын сӕ куыд равдыстон, афтӕ. Хуыцау махӕн радта Йӕ ног фидыды кусджыты арӕхстдзинад. Уыцы ног фидыдмӕ гӕсгӕ Хуыцау ныр фыст ӕгъдау нал дӕтты, фӕлӕ хай кӕны Йӕ Удӕй. Уымӕн ӕмӕ фыст ӕгъдау маргӕ кӕны, Уд та цард дӕтты. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ӕхсӕн дӕр иу Ӕхсӕнылӕг ис – Адӕймаг Йесо Чырысти. Ӕмӕ Уый Алчер сси, бӕлвырд хӕдзарвӕндагӕй рацӕуын чи домдта, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕфӕугӕ царды хъомысӕй. Афтӕмӕй Йесо сси хуыздӕр фидыдӕн йӕ цӕджындз. Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕ фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон сын уой хатыргонд Йӕ мӕлӕты фӕрцы, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ног фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ – Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.
Выбор основного перевода