Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
„Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ"? Семӕ фӕныхас кӕныны фӕстӕ Йесойы систӕуыд уӕларвмӕ, ӕмӕ ӕрбадти Хуыцауы рахиз фарс. Уымӕн ӕмӕ Давид уӕларвмӕ не ссыди, фӕлӕ зӕгъы: „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, Уыцы тых Хуыцау равдыста Чырыстийыл – мӕрдтӕй Йӕ райгас кодта ӕмӕ Йӕ уӕлӕрвты сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, Фырт у Хуыцауы намысы тӕмӕнкалгӕ рухс; Фыды ӕмӕ Фырты ӕрдзыхъӕд иу у. Фырт ӕппӕтыл дӕр хӕцы Йӕ тыхджын ныхасӕй; мах ссыгъдӕг кодта тӕригъӕдтӕй ӕмӕ уӕлӕрвты сбадти Дунедарӕджы рахиз фарс. Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе 'фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ ӕрхӕсса Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй. Уӕдӕ, мӕ сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕларвмӕ хуындтытӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ – ӕргомӕй кӕуыл хӕцӕм, нӕ уыцы уырнындзинады Алчер Йесомӕ. Уӕдӕ махӕн ис, уӕлӕрвтыл Чи ахызти, уыцы стыр Алчер Йесо, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ фидар ныххӕцӕм, ӕргомӕй цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл. Мелхиседекы хуызӕн Алчер мыггагмӕ Чи сси, уыцы Йесо нӕ сӕраппонд фӕндагамонӕгӕй кӕдӕм бацыди, уырдӕм. Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг. Ныр та ӕрцыд Чырысти – ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Цатырмӕ. Уыцы Цатыр у ахсджиагдӕр ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст; лӕджыкъухӕйконд нӕу, ома, нӕу ацы дунейӕ. Уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, ӕгад ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ, амард дзуарыл, ӕмӕ ныр бады Хуыцауы рахиз фарс.
Выбор основного перевода